Ирон литературæйы музейы ацыд Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Томайты Мисурханы юбилеон изæр
Абон Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы музейы ацыд Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Томайты Мишурханы юбилеон изæр. Ацы бонты сбæрæг кодта йе 80 азы юбилей. Арфæйы ныхæстæ Томайты. Мишурханæн ракодта Цæгат Ирыстоны культурæйы министр Къубалты Эльбрус. Мадзалмæ саккаг кодтой йе ’мкусджытæ, хиуæттæ, йæ хæлæрттæ. Томайты Мишурхан у зыдгонд ирон прозаик, публицист, тæлмацгæнæг, нæ республикæйы Фысджыты цæдисы уæнг æмæ культурæйы сгуыхт кусæг. Бирæ азты дæргъы æвæллайгæйæ фæкуыста ирон литературæйы музейы сæргълæууæггæй. Ныффыста уацмыстæ: «Адæймагæй адæймаджы æхсæн», «Адæймаджы фæд» æмæ æндæртæ. Кадджын мадзалы ма абон байгом йæ куыстыты равдыст. Фенæн дзы уыд уацтæ, кады гæххæттытæ æмæ къамтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ирон литературæйы музейы ацыд Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Томайты Мисурханы юбилеон изæр
Категория:
Новости и СМИ