Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй хъæлæс кæнынц Арæфы районы
Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй хъæлæс кæнынц республикæйы алы районты. Владимир Путины уынаффæмæ гæсгæ, хъæлæс кæныны бон снысан кодтой 1-æм июлы, фæлæ хи бахъахъхъæныны тыххæй, æвзарæн хайæдтæ байгом сты знон. Кусдзысты къуырийы дæргъы. Куыд иннæ районты, афтæ Æрæфы районы дæр, схъæлæс кæныны бар ис æвзарæн хайады æмæ хæдзары дæр. Хъæлæс кæныны рæстæгмæ сæхи бæстонæй бацæттæ кодтой. Сæрмагонд нысæнттæ - дистанцийы тыххæй, хъæлæсгæнджытæн цыппар кабинæйы. Æвзарæн къамисы архайджыты сифтонг кодтой хи бахъахъхъæныны фæрæзтæй. Алы хайады дæр æххæст кæнынц санитарон домæнтæ. Æрæфы районы æдæппæттæй ис 22 æвзарæн хайады. Дыууæ сахатæй дыууæ сахатмæ дзы кæнынц дезинфекци. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, низ ма бауадзыны тыххæй хъæлæс кæныны рæстæг æххæст кæнынц æппæт домæнтæ. Граждайнаг хæс сæххæст кæнынмæ ахæм уавæрты тас ницæмæй у. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй хъæлæс кæнынц Арæфы районы
Категория:
Новости и СМИ