Дзæуджыхъæ уы Кутузовы уынджы 110 æм бирæуæладзыгон хæдзары кæрты сывæллæтты хъазæн фæз сцалцæг кæндз
Кутузовы уынджы 110-æм бирæфатерон хæдзары сабитæн нæ футболæй ис ахъазæн, нæ хъеллаугæнæнмæ бацæуæн. Хъазæн фæзы алыварс у къахт. Мæйы размæ ам хъармдæттæг куыстуаты кусджытæ хæтæлтæ ивтой. Куыстытæ фесты, зæхх та къуыппытæ-дзыхъхъытæй баззад. Калинины уынджы 110-æм бирæфатерон хæдзары кæрты сывæллæттæн хъазæн фæз ис, бацæуæн та йæм нæй. Йæ алыварс у къахт. Иу мæйы размæ ам баивтой доны хæтæлтæ. Куыстыты рæстæг херытæ æмæ бадæн бынæттæ сæ бынæттæй ист æрцыдысты. Хæдзары цæрджытæ сæ фарстаимæ бахатыдысты хъармгдæттæн куыстуатмæ æмæ администрацимæ. Фæлæ сæ хъуыддагмæ хъус ничи æрдардта. Уæд æххуысагур æрбадзырдтой нæ редакцимæ. Хъармдæттæн куустуаты нын куыд загътой, афтæмæй фарстайыл ныртæккæ кусынц. Кæрт цæттæ кæнынц ног асфальт сæвæрынмæ. Цæрджытæ сæ зæрдæ дарынц, хъуыддаг йæ бынатæй кæй фезмæлдзæн, æмæ сабитæ ногæй хъазæн фæзы зæрдиагæй, сæйрагдæр та, æдасæй сæ рæстæг кæй æрвитдзысты, ууыл. Дзæдзойты Фатимæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv