РЦИ-Аланийы хицауады уæнгтæ ныхас кодтой республикæйы ахсджиагдæр фарстатыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

4 года назад

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд аппаратон æмбырд. Фыццаджыдæр, хицауады уæнгтæ æрымысыдысты, Украйнæйы цы æфсæддонтæ фæмард, уыдоны. Сæ ном сын ссардтой минут æдзæмæй алæугæйæ. Ныртæккæ йе 'фсæддон хæс чи æххæст кæны, уыцы цыппорæм æмæ сæдæйæм бригадты æфсæддонтæн, регионы разамонæджы уынаффæмæ гæсгæ, арвитдзысты гуманитарон æххуыс. Æмбырды ма куыд фехъусын кодтой, афтæмæй абон республикæмæ Донецк æмæ Луганскы адæмон республикæтæй ссыдысты 156 лигъдоны, се 'хсæн 112 сывæллоны. Уыдонæй 49 ахуыр кæндзысты Дзæуджыхъæуы скъолаты. Ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæйы ныхæстæм гæсгæ, «Тæмискъ»-ы цы сабитæ æрцæрой, уыдон зонындзинæдтæ исдзысты бынаты. Уый тыххæй сын æппæт гæнæнтæ дæр бацæттæ кодтой. Сергей Меняйло хицауады уæнгтæн бабар кодта, æргътæм æргом аздахын. Æнæмæнг хъæугæ хойрæгтæ æмæ хосты аргъ хъæуы æруромын. Фарстайы фæдыл регионы разамонæг снысан кодта сæрмагонд æмбырд. Архайдзысты дзы дзуаппдæттæг структурæтæ æмæ базарады минæвæрттæ. Фæндаггон хæдзарады комитеты разамындæн регионы сæргълæууæг бабар кодта бæстонæй æркæсын æхсæнадон транспорты æргътæм дæр. Ахсджиаг у, цæмæй сыл ма бафта. Уыцы иу рæстæг цæрæнуæтты-коммуналорн хæдзарады æмæ мызд фидыны фарстаты дæр къуылымпыдзинæдтæ хъуамæ ма сæвзæра. Аппаратон æмбырды ма фæнысан кодтой эпидемиологон уавæр. Коронавирус кæмæ рабæрæг вæййы, уыдоны нымæц 35,2% фæкъаддæр. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны дзæбæхгæнæндæтты ис 389 адæймаджы. Эпидемиологон уавæр хынцгæйæ, республикæйы сæргълæууæг Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийæн бабар кодта низы ныхмæ домæнтæ ноджы фæлæмæгъдæр кæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv