Цæгат Ирыстоны скъолаты цалцæгæн ацы аз рахай кодтой 196 милуан сомæй фылдæр
«Ахуырад»-ы национ проекты фæлгæты Цæгат Ирыстоны скъолаты сцалцæг кодтой 6 спортивон залы. Æнæниз царды уаг æххæст кæнынæн ныр æмбæлгæ фадæттæ ис Рамоновæйы скъолайы, Елхоты 1-æм, Нары, Камбилеевкæйы, Архонская станицæйы 1-æм æмæ 2-æм ахуыргæнæндæтты. Се`ппæт дæр ифтонггонд сты спортивон кусæнгæрзтæй. Æдæппæтæй капиталон рацарæзтыл схардз кодтой 20 милуан сомæй фылдæр. Кæмдæр раивтой бæстыхайы сæр, сног кодтой электрон тыхы телтæ, ногтыл баивтой рудзгуытæ, дуæрттæ, кæмдæр та хъармгæнæн системæ, скодтой мидæггаг аивгæнæн куыстытæ дæр – къултæ æмæ цартæ. Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министр Людмилæ Башаринæ куыд радзырдта, афтæмæй ахуырадон уагдæттæн ис, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм хъæугæ инвентарь. Афтæмæй дзы спортæй архайыны фадат ис канд скъоладзаутæн нæ, фæлæ ма бынæттон цæрджытæй се`ппæтæн дæр. Национ проекты руаджы 2014-æм азæй нырмæ базылдысты 42 скъолайы спортивон залмæ. Фæбæрæг кæнын хъæуы уый дæр, æмæ скъолайы физикон ахуырад æмæ хъомылады программæйы ахсджиаг бынат ахсы фæсурокты куыст æмæ курдиатджын сывæллæтимæ архайд. 2019-æм азы 63 мин скъоладзауæй фылдæр бацархайдтой республикон æфсæддон-патриотон хъæзтыты æмæ алыхуызон спортивон хуызтæй ерысты. Национ проект «Ахуырад»-ы фæлгæты фидæны аз сцалцæг кæндзысты ноджы 14 спортивон залы хъæуты скъолаты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны скъолаты цалцæгæн ацы аз рахай кодтой 196 милуан сомæй фылдæр
Категория:
Новости и СМИ