Æрмадз «Арион» 30 азæй фылдæр æндидзы нæ рагфыдæлты культурæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

18 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

18 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

18 просмотров

6 лет назад

Хъама, кард, цирхъ, згъæрхæдон, фæрæт æмæ ма алыхуызон диссæгтæ сæвзæрынц æрмадз «Арион»-ы. Дæсныты къухты алы дзаумайæ дæр разыны нæ рагфыдæлты дуджы æууæлтæ. Скифтæ æмæ Сæрмæтты гæрзтæ æмæ хотыхтæ - иууылдæр къухæй конд. Ныр 30 азæй фылдæр æрмадз «Арион» æндидзы нæ рагфыдæлты культурæ. Уымæй уæлдай ма студенттæн дæр ис фадат ам практикæ кæнын. Æрмдæсны фыццаджыдæр æрхъуыды кæны нывæфтыд. Сбæтты йæ цавæрдæр историон æмæ археологон цауимæ. Уый фæстæ дæсны бавналы дзаума аразынмæ. Цирхъ, хъама, згъæрхæдон, фæрæт æмæ ноджы алыхуызон диссæгтæ сæвзæрынц æрмадзы. Алы дзаумайæ дæр цæуы скифты дуджы уддзæф. «Арион»-ы алы æрмдæсны дæр у сызгъæрин къухты хицау. Сæ куыстытæ арвитынц алыхуызон равдысттæм æмæ æркасттæм. Алы хатт дæр æрлæууынц хуыздæрты æмрæнхъ. Бæрæг у, сæ хъуыддагыл æнувыд кæй сты, уый. Томайты Вячеслав бирæ азты дæргъы архайы скифты æмæ сæрмæтты историон цаутæ бахъхъахъæныныл. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ куыст уарзы æгæронæй. Ацы æрмдæсны цымыдисаг кæй у, уый дызæрдыккаг нæу. Томайты Вячеслав, æрмдæсны: «Дæ куыст куы уарзай. уæд удæнцой у. Ацы æрмадзы кусын 10 азы бæрц. Уымæй размæ мæхæдæг дæр арæзтон нæ рагфыдæлты алыхуызон дзаумæттæ. Æртын азæй фылдæр балæвар кодтое ацы æрмгуыстæн, æмæ уыуыл æппындæр нæ фæсмон кæнын». Æрмадзы ахуырадон практикæ ацæуынынц Цæгат Кавказы Хæххон-Металлургон институты æмæ Дзанайты Азанбеджы номыл аивадон училищæйы студенттæ. Æрыгон специалисттæн хорз ахуыргæнджытæ ис. Уыдоны æххуысæй сæ хъуыдытæ сæххæст кæнынц. Къуыллыты Руслан дæр ардæм цыди практикон ахуыртæм. Скифты, сæрмæтты æмæ Аланты æгъдæутты æууæлтæй конд куыстытæ йæ дисы бафтыдтой. Æмæ йæ йæ къах ардыгæй нал ахаста. Ныр ам кусы 5-æм аз. «Арион»-ы дæсныты бирæ азты тыхсын кодта бæстыхайы фарста. Дыууæ азы размæ нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы бардзырдмæ гæсгæ куыстуатæн радтой бæстыхай. Хъуыдис ма йæ бацалцæг кæнын. Ныр æрмадз кусы куыд æмбæлы афтæ. Йæ разамонæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй сæргълæууæджы æххуыс зынгæ фенцондæр кодта сæ куыст. Æлборты Аслан, æрмадз «Арион»-ы сæргълæууæг: «Уымæй размæ-иу бæстыхай истам хаццоны. Раивтам цалдæр бынаты, цалынмæ ам не `рбынæттон стæм. уæдмæ. Агъуыстытæ сцалцæг кдтам, кусæм. Нырма нын хъармдæттæн системæ æрбауадзыны фадат нæ фæци. Нæ зæрдæ дарæм, уый дæр хæстæг рæстæджы нæ къухы кæй бафтдзæн». Ныртæккæ ам фæллой кæнынц аст æрмдæсныйы. Æрмадзы арæзт дзаумæттæ æрзылдысты æгас дунейыл, æрмæст скифаг кæрдтæ ардыгæй рацыди минæй фылдæр. Сæ куыстытæ сын фенæн ис Цæгат Ирыстоны æрмдæсныйады центры дæр. «Арион»-ы разамонæг Æлборты Асланы ныхæстæм гæсгæ, сæ куыст кæд æнцон нæу, уæддæр сын хæссы удæнцой. Фæлæ пандемийæйы аххосæй къуылымпыдзинæдтæ ӕййафын райдыдтой. Аслан Алборов, «Арион»-ы разамонæг: «Ныртæккæ пандемийы рæстæг нæ продукци зындæрæй уæй кæны. Махмæ арæхдæр дзаума балхæнынц лæварæн. Æмæ ацы тыхст рæстæджы та уыцы хабæрттæм уыйбæрц никæй æвдæлы. Фæлæ уæддæр не уæнгтæ дӕлӕмӕ нæ уадзæм, æмæ зæрдæ дарæм рæсугæ фидæныл». Зындзинæдты сæрты хизгæйæ, «Арион» æнтыстджынæй цæуы размæ. Раздæрау ног гæнæнтæ дæттынц æрыгон специлиасттæн. Уырны сæ, фидæны ацы дæсныйады ног стъалытау кæй сæрттивдзысты, уый. Афтæмæй Ирыстоны кад дарддæр дæр хъуысдзæн æгас бæстæйыл. Дзæдзойты Фатимæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æрмадз «Арион» 30 азæй фылдæр æндидзы нæ рагфыдæлты культурæ

Категория:

Новости и СМИ