Дзгойты Маринæ сывæллæттæн уарзын кæны Фыдыбæстæ æмæ мадæлон æвзаг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

Сывæллоны зæрдæмæ фæндаг ссарын æмæ йын хъæугæ зонындзинæдтæ раттын. Ныхас цæуы рæвдауæндоны кусджытыл. Уыдон сæ размæ канд хъомылады хæстæ не 'вæрынц, фæлæ ма сывæллæтты бартæ хъахъхъæнын æмæ ахуырады нырыккон домæнтæн дзуапп дæттын. Дзгойты Маринæ у Беслæны 5–æм рæвдауæндоны хъомылгæнæг. 14 азæй фылдæр кусы сывæллæттимæ. Кæстæртæн уарзын кæны Фыдыбæстæ æмæ сæ мадæлон æвзаг. Гыццылæй нырмæ фæнд кодта хъомылгæнæг суæвын. Марина йе ’мкусджытæй дæр домы ирон æвзаг сывæллæттæн уарзын кæнын. Уый тыххæй та æппынæдзæух дзурынц иронау. Маринæ ныффыста æмдзæвгæ «Мæ бæстæ» æмæ аргъау «Дзерассæ æмæ мæлдзыг». Йе `сфæлдыстадæн ын аргъ скодтой алыхуызон конкурсты. Бацахста фыццаг бынæттæ. Патриотизм æмæ йæ æвæллайгæ куыстæй йе ’мкусджыты дисы 'фтауы. Рахизфарсы районы сæргълæууæг Фрайты Сосланæн хъомылгæнæджы фыдæбон æмæ курдиат хъуыстгонд сты. Мæринæйы схорзæх кодта арфæйы фыстæгæй æмæ Кады гæххæттæй. Ныййарджыты номæй йын арфæ ракодта. Сывæллæтты уарзт та сæ хъомылгæнæгмæ у æгæрон. Ахуыртæ цæуынц хъазты хуызы. Уый руаджы ирон æвзаг сывæллæттæн у æнцонтæй базонæн. Дзгойты Мæринæйы хъуыдымæ гæсгæ, æвзаг зоныны цы къуылымпыдзинæдтæ сæвзæры, уыдон цæуынц бинонтæй. Уым куы нæ хъусой мадæлон æвзаджы мыртæ, уæд хъомылгæнджыты куыст дæр уыййас нæ ахады. Арæх вæййы афтæ, æмæ, рæвдауæндонæй ацæугæйæ, сабитæ фæхъусынц æрмæст уырыссаг æвзаг. Рæзгæ фæлтæры раст хъомылад хуымæтæг хъуыддаг нæу. Уый у бирæвæрсыг æмæ бæрнон куыст. Рæвдауæндон сывæллоны царды ахсы ахсджиаг бынат. Уымæ гæсгæ дзы хъуамæ кусой курдиатджын, йæ дæсныйад чи уарзы, ахæм зондамонджытæ. Уыдонæй сæ иу у Дзгойты Мæринæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзгойты Маринæ сывæллæттæн уарзын кæны Фыдыбæстæ æмæ мадæлон æвзаг

Категория:

Новости и СМИ