Æхсæнадон архайæг Бететы Юрий Борджнисы хъæуы сарæзта хæдзар этникон хуызы
Æхсæнадон архайæг Бететы Юрий рагæй фæнд кодта ирон этникон хæдзар саразын. 2019 азы йыл кусын райдыдта йæ райгуырæн хъæу Борджнисы Хуссар Ирыстоны. Хъæуы цæрджыты æххуысæй йын бантыст хæдзар-музей саразын. Дурæй амад бæстыхайæн ис нæ рагфыдæлты цæрæн бынæтты хуыз. Дих у дыууæ хайыл: нæлгоймæгтæн æмæ сылгоймæгтæн хицæнæй. Хъæдын дзауматæн дзы ис этникон хуыз. Хæдзары бæстастæу арт æмæ къонайы рæхыс. Объект ныридæгæн йæхимæ адæмы æлвасы. Бабæрæг кæнынмæ йæм туристтæ ссæуынц Уæрæсейы алы къуымтæй. Скъоладзаутæн саразынц экскурситæ. Хæстæгдæр рæстæг фæнд кæнынц алыхуызон мадзæлттæ сидын æмæ националон хæринæгтæ кæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æхсæнадон архайæг Бететы Юрий Борджнисы хъæуы сарæзта хæдзар этникон хуызы
Категория:
Новости и СМИ