Коронавирусæй рынчынтыл суткæмæ бафтыд 70 адæймаджы
Коронавирусæй рынчынтыл Цæгат Ирыстоны бафтыд 70 адæймаджы. Æдæппæтæй сæ нымæц у 7 964. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы дзæбæхгæнæндæтты ис 1 322 адæймаджы. Уыдонæй Тагъд Æххуысы Клиникон Рынчындоны ис 598, COVID-мæ 70-йæ, реанимацийы 51 адæймаджы, аппаратты фæрцы улæфынц 10-æй. Республикон Клиникон Рынчындоны ныртæккæ ис 659 адæймаджы. Коронавирус дзы ис 63-мæ. Реанимацийы хайады 57 рынчыны. Сывæллæтты Республикон Клиникон рынчындоны та 28 сывæллоны æмæ 14 хистæр кары адæймаджы. 22 сывæллоны æмæ 11 хистæр кары адæймагмæ рабæрæг кодтой коронавирус. Рахизфарсы районы дзæбæхгæнæндоны ис 23 адæймаджы. Тæссаг низ дзы рабæрæг 5-мæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Коронавирусæй рынчынтыл суткæмæ бафтыд 70 адæймаджы
Категория:
Новости и СМИ