Цæгат Ирыстоны цæуынц бæхылбадджыты 'хсæн ерыстæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

14 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

14 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

14 просмотров

5 лет назад

Дзæуджыхъæуы цæуы Хуссар федералон зылды æппæтадæмон турнир, бæхджын троеборьейæ кæй хонынц, уымæй. Архайынц дзы барджытæ Уæрæсейы алы къуымтæй. Пандемийæйы аххосæй иуæй-иу спортсментæн Цæгат ИРыстонмæ ссæуыны фадат нæ разынд. Чи ссыд, уыдон та куыд бацархайдтой уый тыххæй бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Цæстыфæныкъуылдмæ уæтæры фæзынд ерысты архайæг. Арæхстдзинад равдисынмæ йын ис æрмæстдæр цалдæр уысмы. Уыцы цыбыр рæстæгмæ сæйрагдæр у, адаймагмæ цыдæриддæр тых æмæ хъару ис, уыдон ма бавгъау кæнын. Архайджыты `хсæн ис бæхыл бадынæй ерысты æцæг стъалы – Андрей Митин. Ныр 40 азæй фылдæр кусы йæхиуы. Спорты дæсны, Уæрæсейы чемпион, æмæ æхсæнадæмон ерысты уæлахиздзау. Уыдис Рио-де-Жанейройы олимпиадæйы, ныр та йæхи цæттæ кæны Токиомæ. Андрей Митин 10 азы бæрзонд хæссы Цæгат Ирыстоны командæйы кадджын ном. Стыр ахъаз у, ахæм дæсны æмæ фæлтæрдджын адæймаг фæсивæды дæр бæхтимæ кусыныл кæй æфтауы, уый. Ерысты программæ уыд цымыдисаг. Хуыздæр барджыты сбæрæг кæндзысты æртæ къæпхæны – манежыл цыдæй, кросс æмæ конкурæй. Æппæт фæзыл – дæс къæпхæнæй фылдæр сæ зындзынадмæ гæсгæ. Уый уыимæ баст у, æмæ дзы фæлтæрдджын спортсменты æдде сæ дæсныдзинад æвдисынц æрыгæттæ дæр. Турниры æдæппæтæй архайынц 20 адæймаджы Ирыстонæй, Мæскуы æмæ Краснодарæй. Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионат ныр у æрвылазон. Уыцы хыгъдмæ спортсменты цæттæ кæнын æппæтуæрæсеон æмæ æхсæнадæмон турниртæм ссис сæйрагдæртæй иу хæс. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны цæуынц бæхылбадджыты 'хсæн ерыстæ

Категория:

Новости и СМИ