Беслæны террористон акты хъыгдæрд чи баййæфта, уыдонæн æххуысы программæ йæ тыхы бацыд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

Беслæны террористон акты хъыгдæрд чи баййæфта, уыдонæн æххуысы программæ йæ тыхы бацыд. Фарон республикæйы сæргълæууæджы бардзырдмæ гæсгæ, фæллой æмæ социалон рæзты министрады бакуыстой, уацары чи уыд, уыдонæн материалон æххуыс бакæныны мадзæлттыл. Ныхас цæуы санаторон-корортон путевкæтæ фæсарæнты балхæныныл. Ахæм хъæппæрисимæ бирæ азты дзурынц «Беслæны мадæлты» комитеты уæнгтæ. Уæрæсейы хицауад программæимæ сразы ис æмæ рауæлдай кодта æхцайы фæрæзтæ. Программæ кусдзæн 4 азы. Уыцы æмгъуыдмæ æххуыс хъуамæ райсой се ’ппæт дæр. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады хыгъды ис 336 адæймаджы. Ныры онг уал райстой 80 курдиаты. Иу адæймаджы улæфынмæ арвитынæн æппæты фылдæр бахъæудзæн 120 мин сомы. Хъыгдæрд баййафджытæн ис сæхицæн курорт равзарыны бар. Æххуыс баæндзысты, фæсарæнты хи дзæбæх кæнынмæ цæуын кæй хъæуа, уыдон дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Беслæны террористон акты хъыгдæрд чи баййæфта, уыдонæн æххуысы программæ йæ тыхы бацыд

Категория:

Новости и СМИ