Дзæуджыхъæуы 24 скъолайы дыууæ къласæн эксперименталон хуызы скодтой «æвзаргæ хæринæгты хыгъд»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

Дзæуджыхъæуы 24 скъолайы бындурыл эксперименталон хуызы æххæст кæнынц «æвзаргæ хæринæгты хыгъд». Ныр меню скъоладзаутæ æмæ сæ ныййарджытæн у сæхи бон равзарын. Мадзалы уал архайынц дыууæ къласы. Кæронбæттæн хатдзæгтæ специалисттæ скæндзысты дæс боны æмгъуыдмæ. Цай, æви адджын дон, ныр сывæллæттæ æвзардзысты сæхæдæг. Дæттæй уæлдай скъоладзауты бон уыдзæн сæхи цы фæнды, ахæм хæринаг райсын. Зæгъæм ныртæккæ сæ менюйы ис макъаронтæ æмæ кас. Æвзаргæ меню фыццаг хатт фæлварынц Дзæуджыхъæуы 24 скъолайы бындурыл. Архайынц дзы дыууæ къласы. «Прогресс», зæгъгæ уæлæфтуаны ныййарджытæ рацион æвзарынц сæхæдæг. Зæгъын хъæуы уый дæр æмæ «æвзаргæ хæринæгты хыгъд»-ы гæнæнтæ фæлварынц Дзæуджыхъæуы 24 скъолайы бындурыл. Эксперименты архайынц дыууæ къласы. Уæвгæ портал «Прогресс»-ы фæрцы ныййарджытæ сæ сывæллæтты хæрд сæхæдæг æвзардзысты. Фæлварæны амидингæнæг - Дзæуджыхъæуы хойрæгты комбинат. Экспериментмæ йæ цæст дары горæты администраци. Цæмæй дзы аиппытæ ма уа, уый тыххæй хæстæгдæр 10 боны куыст цæудзæн дысвæлдæхтæй. Фидæны ног менюйæ пайда кæндзысты канд аходæны нæ, фæлæ сихоры хæринаг дæтгæйæ. Хæстæгдæр рæстæг иннæ скъолатæ дæр фæнд кæнынц ног фæткмæ раивын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv