Тедеты Дзамболаты схорзæхджын кодтой зæрдылдарæн майданæй
Уæрæсейы иугонд командæйы тренер уæгъдибар хъæбысхæстæй Тедеты Дзамболаты схорзæхджын кодтой зæрдылдарæн майданæй. Саккаг ын æй кодтой, æппæтуæрæсеон акци «Мы Вместе»-йы архайдмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уый фæдыл. Ахæм лæвар ацы аз июны снысан кодта Уæрæсейы президент Владимир Путин. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Уæрæсейы иугонд командæйы тренеры хъæппæрисæй акцийы архайджытæ коронавирусы рæстæг æрбалæууыдысты Цæгат Ирыстоны æххуысцух бинонты раз. Тедеты Дзамболат президентæн загъта стыр бузныг, ахæм стыр аргъ ын кæй скодта уый тыххæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Тедеты Дзамболаты схорзæхджын кодтой зæрдылдарæн майданæй
Категория:
Новости и СМИ