Дзæуджыхъæуы «Кванториум» бацархайдта æппæтуæрæсеон ахуырадон проекты
Компьютерон æмæ мобилон хъæзтыты историимæ базонгæ уæвын. Бафæлварын хи хъазт саразын. Дзæуджыхъæуы «Кванториум»-ы ацыд нымæцон урок. Скъоладзаутæн радзырдтой, хъæзтытыл цы специалисттæ фæархайынц, стæй къабазы кусынмӕ цы зонындзинæдтæ хъæуы, уый тыххæй. Равдыстой сын, суанг йӕ райдианæй хъазт куыд арæзт цæуы, уый. Урокыл бакуыстой компани «ВКонтакте»-йы æххуысæй. Амыдта йæ сывæллæтты технопаркы ахуыргæнæг Андрей Губарев. Бафтаудзыстæм ма уый, ӕмӕ хъæзтытæ аразынмæ IT-квантумы здахынц стыр æргом. Скъоладзаутæ цымыдисаг æмæ хуымæтæг хуызы зонгæ кæнынц профессионалон къабазы сусæгдзинæдтимæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv