Йæ цардæй ахицæн «Цæгат Ирыстоны фæллойы хъæбатыр» Николай Бедухо
Æнкъард хабар. Йæ цардæй ахицæн «Цæгат Ирыстоны фæллойы хъæбатыр» Николай Бедухо. Æхсæзæм къæпхæны слесыр, 43 азы фæкуыста завод «Победит»-ы. Æрхъуыды кодта 20 ног гæрзæй фылдæр. Цæмæй згъæр схъистæ æмæ æфсæйнаг гæбæзты кæрæттæ сылгоймæгтæн æнцондæр лыг кæнæн уа, уый тыххæй сын сарæзта сæрмагон кусæнгарз. Йæ фыдæбоны фæдыл дæсны кусæг хорзæхджынгонд уыд «Лучший по профессии», «Заслуженный работник промышленности», зæгъгæ, кадджын нæмттæй, уыимæ «Цæгат Ирыстоны намысы» майданæй. Фарон республикæйы сæргълæууæджы къухтæй райста «Цæгат Ирыстоны фæллойы хъæбатыр»-ы ном. Профессионал, æрхъуыдыгæнæг æмæ æрмдæсны Николай Бедухо стыр æвæрæн бахаста республикæйы промышленносты райрæзтмæ, йе `мкусджыты æмæ адæмы зæрдæты ныууагъта хорз фæд. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Йæ цардæй ахицæн «Цæгат Ирыстоны фæллойы хъæбатыр» Николай Бедухо
Категория:
Новости и СМИ