Уæрæсейы гвардийы кусæг Дзæуджыхъæуы цæрæджы зынгсирвæзтæй аирвæзын кодта
Уæрæсейы гвардийы кусæг Дзæуджыхъæуы цæрæджы аирвæзын кодта. Нæлгоймаджы фатеры æрцыд зынгсирвæзт. Пъæлицæйы капитан Зæгæлты Руслан бирæуæладзыгон хæдзарæй рахизгæйæ федта фыццæгæм уæладзы фатерæй фæздæг æддæмæ кæй гуылф кæны. Æвæстиатæй фæхабар кодта æнæнхъæлæджы цауты службæмæ. Йæхæдæг тыргъы ууылты фатермæ бахызт. Бæстыхай фæзæдæгæй байдзаг. Зæгæлты Руслан фатеры хицауы ссардта уадзыгæй. Арт ахуыысын кодта. Сыгъд пецы сæр аг. Уый фæстæ Уæрæсейы гвардийы кусæг нæлгоймаджы уынгмæ ракодта. Уым ын æмбæлгæ æххуыс бакодтой бынатмæ чи æрбамбæлд, уыцы медицинон кусджытæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй хъыгдæрд баййафæг пец скусын кодта æмæ йæхæдæг уаты бафынæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv