Мæздæджы районы парти «Иугонд Уæрæсе» йы секретарь Быценты Станислав æххуыс кæны районы цæрджытæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

Æххуысагурджыты фарсмæ æрбалæууын æмæ сæм фæкæсын. Ахæм хъуыдыйыл `хæст у Мæздæджы районы парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады секретарь Быценты Станислав. Йе 'ргом аздæхта Павлодольскæйы станицæйы сывæллæтты рæвдауæндоны фарстатæм. Тагъд рæстæджы дзы райдайдзысты цалцæггæнæн куыстытæ. Павлодольская станицæйы рæвдауæндон «Алёнушка» кусын райдыдта 1988 азы. Ныртæккæ дзы хъомыл кæны 209 сабийы. Бæстыхайы сыгъдæгдзинадыл кусджытæ архайынц хи хъарутæй: кæм къултæ чъырæй рацæгъдынц, кæм та ахорæнтæй сахорынц æмæ рафснайынц. Фæлæ иумæйаг тыхтæй дæр музыкалон зал сцалцæг кæнын уæддæр сæ бон нæу. Уый тыххæй та æххуысагур бахатыдысты Мæздæджы районы парти «Иугонд Уæрæсе»-йы секретарь Быценты Станиславмæ. Ольга Соловьева, Павлодольская станицæйы сывæллæтты 33-æм рæвдауæндон «Алёнушка»-йы разамонæг: «Нæ рæвдауæндоны номæй нæ фæнды зæгъын стыр бузныг. Цы материалон æххуыс нын бакодта, уый нын тынг фæахъаз уыдзæн. Зæрдæ дарæм, музыкалон зал ног ахорæнтæй кӕй скалдзæн». Быценты Станислав ма æххуыс кæны бынæттон скъолайæн. 2017 азы хистæркъласон Наталья Сулименко фæуæлахиз республикон олимпиадæйы. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвар скъоладзауæн баххуыс кодта Æппæтуæрæсеон олимпиадæмæ Ульяновскмæ ацæуыны хъуыддаджы. Ахæм олимпиадæмæ абалц кæнынмæ ма баххуыс кодта Мария Шинкаренкойæн æмæ йæ ахуыргæнæгæн. 2019 азы та скъолайы бындурыл сарæзтой æрыгон армионты къорд. Людмила Сипович, Советон цæдисы хъæбатыр И.Я. Филькойы номыл скъолайы директор: «Æрыгон армионты къордмæ бацæуын кæ бафæндыд, уыдоны ныййарджытæй алкæй бон нæ уыд сæрмагонд уæлæдарæс балхæнын. Уый тыххæй та хæрзгӕнӕгмӕ ногæй фæсидтыстæм. Станислав нæм фæкаст. Самал сын кодта дзаумæттæ. Стыр бузныг дзы стæм». Дыууæ азы размæ станицæйы бындуронæй сцалцæг кодтой культурæйы галуан. Кадджын мадзæлтты фæстæ Быценты Станислав культурæйы артдзæсты кусджыты бафарста, цы сын нæ фаг кæны дзаумæттæй, зӕгъӕгӕ. Кусджытæ сæ хъуыдытæ раргом кодтой. Бахъуыд сæ уæлæмхасæнӕн стъæлттæ æмæ чингуытæн тæрхæджытæ. Татьяна Кульбаченко, Павлодольская станицæйы культурæйы хæдзары директор: «8-æм мартъимæ нын скодта стыр лæвар. Нæ чиныгдонмæ æрбаластой чынгуытæн тæрхæджытæ. Гримеркæтæн æмæ костюмты агъуыстытæн та фæзынд хъæдæй арæзт сæрмагонд гæрзтæ. Ныр алцыдæр лæууы йæ бынаты». Библиотекæйæ уæлдай ма культурæйы хæдзары ныр кусынц театралон къордтӕ. Æмæ хореографион студи. Пелиты Сабинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Мæздæджы районы парти «Иугонд Уæрæсе» йы секретарь Быценты Станислав æххуыс кæны районы цæрджытæн

Категория:

Новости и СМИ