Лескены спортивон залы сабитæн фæзынд хъæугæ уавæртæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

11 просмотров

5 лет назад

Афæдзы размæ Лескены хъæуы фæзынд спортивон гимнастикæйæ архайыны фадат. Спорты ацы хуызы сусæгдзинæдтæ сывæллæттæн амоны æрыгон тренер. Ахуыртæ цæуынц цалдæр къорды. Æрвылбон сабиты нымæц фылдæр кæны. Фæлæ спортивон залы ифонггæрзтæ сты хуыздæр цух. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Спортивон гимнастикæмæ Лескены хъæуы сывæллæттæ зæрдæргъæвдæй фæцæуынц. Ис сæм стыр тырнындзинад. Рог æмæ цæрдæг сæ алы фæзылд. Сæ тренер Цбойты Руслан куыд зæгъы, афтæмæй спортивон гимнастикæ у спорты хуызтæн сæ бындур. Спортивон секци кусы афæдзы бæрц. Байгом æй кодтой бынæттон цæрджыты хъæппæрисæй. Сæ курдиат бахастой хъæуы разамындмæ. Гимнастикæйы специалист хъæуæй рацæугæ у, фæлæ куыста Кæсæг-Балхъары. Сывæллæтты сахуыр кæныны тыххæй сыздæхт фæстæмæ. Бонмæ Руслан тренеровкæ скæны 3 къордæн. Хæрзгæнджыты фæрцы спортсментæн самал кодтой батут. Спорты министрад та сын балхæдта гауыз. Афтæмæй сабиты гæнæнтæ гимнастикæйы фæфылдæр сты. Æдæппæтæй гимнастикæмæ цæуы 60 сывæллоны. Сæ нымæц æрвылмæй рæзы. Уыимæ ма ам кусынц æндæр секцитæ дæр. Ныййарджытæ сæ ныфс дарынц, æмæ спортивон залы уавæрты фарста тагъд рæстæджы кæй аиуварс кæндзысты. Сывæллæтæ та уæд архайдзысты ноджы разæнггарддæрæй. Уæдæ фидæны сæ къухы æнтыстдзинæдтæ дæр бафтдзæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv