Цæгат Ирыстоны рæвдауæндæтты байгом шахмæтты 10 студийы
Шахмæттæй хъазынæн 10 ног студийы байгом кодтой Цæгат Ирыстоны рæвдауæндæтты. Ацы спорты интеллектуалон хуыз азæй-азмæ кæны парахатдæр. Ахуыр ыл кæнынц скъолаты дæр. Уым аразынц сæрмагонд уроктæ. Уæдæ шахмæттæй чи хъазы, уыдон сæ арæхстдзинад фæлварынц алыхуызон турнирты дæр. Ацы студимæ æрбахизгæйæ лæппутæ фыдуаг æмæ æнæнцойæ уайтагъд лæмбынæг свæййынц. Шахмæттæй фылдæр рæвдауæндоны ницы уарзынц. Даниеллæ фæйнæгыл æвæры фигурæтæ. Уыцы иу рæстæг хъуыды кæны схемæтыл, цæмæй йын рамбулын бантыса. Шахмæттæй хъазынæн фæйнæг сабитæн у тох кæныны быдыр. Студийы дзы уымæн æппæт уавæртæ дæр сарæзтой. Проекторы руаджы ахуыр кæнынц теори. Ахуыртæ арæзт сты хуымæтæг хуызы, цæмæй рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæ сæ æнцонтæй бамбарой. Лекцитæ, истори, хынцинæгтæ æмæ хъæзтытæ шахмæтты тематикæйыл. Ахуыргæнджыты ныхæстæм гæсгæ, шахмæтты руаджы сабиты дисциплинæ фæхуыздæр вæййы. Афтæмæй лæмбынæгдæр кæнынц. Стæй кæрæдзиимæ дæр фылдæр рæстæг æрвитынц æмæ лымæндæр кæнынц. Ахуыртæ цæуынц къуыри 2 хатты. Шахмæтты къордтæ ахуырадон æмæ скъолайы агъоммæ уагдæтты аразынц федералон проект «Успех каждого ребенка»-йы фæлгæты, национ проект «Ахуырад»-ы руаджы. Сабитимæ кусынц лæвар. Шахмæттæ азæй-азмæ парахатдæр кæнынц. Фарон республикæйы сифтонг кодтой 110 студийы скъолатæ æмæ рæвдауæндæтты. Æрвылаз цæуынц турниртæ æмæ чемпионаттæ. Æнтыстдзинæдтæ дæр ныридæгæн къухы бафтыд. Æрыгон шахматисттæ рамбылтой 3 майданы «Мемориал Эртеля 2020», зæгъгæ, ерысты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны рæвдауæндæтты байгом шахмæтты 10 студийы
Категория:
Новости и СМИ