Леваневскийы уынджы 275-æм хæдзары кæрт бындуронæй сцалцæг кодтой
Леваневскийы уынджы 275-æм хæдзарыл æнусы 'рдæгæй фылдæр цæуы. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, уыцы рæстæгмæ кæрт бындуронæй иу хатт дæр нæ цалцæг кодтой. Пырх фæндаг, къæвдайы фæстæ цъымара, хæдтулгæйыл ацæуæн нæй - афтæ ам уыд цалдæр мæйы размæ дæр. Ныр территори йæ хуыз баивта: сæвæрдтой ног асфальт æмæ бандæттæ, базылдысты тротуартæм. 2024 азы декабры цæрджытæ арвыстой курдиат æмæ сæ фарстайы тыххæй фехъусын кодтой республикæйы сæргълæууæгимæ комкоммæ бастдзинады рæстæг. Уый фæстæ кæрт бахастой рацарæзты муниципалон программæмæ, куыстытæ та райдыдтой ацы аз. Цалцæджы рæстæг хъус дардтой цæрджыты фæндтæм дæр: ацæуæн фӕуӕрӕхдӕр кодтой, цӕмӕй хӕдтулгӕтӕ сӕрибарæй цӕуой, уыимæ ма чысыл лӕууӕн дӕр сцæттæ кодтой. Куыстытæ райдыдтой июлы æмæ ахастой дыууæ къуырийы. Æрвылбон объекты архайдтой 5-10 адæймаджы. Кæрт куы рацарæзтой, уæд цæрджытæ сфæнд кодтой сæхи тыхтæй бацæуæнтæм базилын. Æмæ ныр ног фæндаг, тротуартæ æмæ хæдзары раз аив территоритæ кæрæдзи æххæст кæнынц, кæрт та сабыргай аивдæр кæны.
Название:
Леваневскийы уынджы 275-æм хæдзары кæрт бындуронæй сцалцæг кодтой
Категория:
Новости и СМИ