Тхэквондойы спортсмен Ходы Руслан бахауд Уæрæсейы Рекордты чиныгмæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 лет назад

Уæрæсейы Рекордты чиныгмæ бахастой æрыгон дзæуджыхъæуккаг спортсмены. Уый минут æмæ цыппар секундмæ æрбадт 100 хатты. Йæ кармæ гæсгæ йæ къухы бафтыд ног рекорд. Цæмæй йын йе`нтыстдзинадæн аккаг аргъ скæной, уый тыххæй йæ хъуыд домæнтæ баххæст кæнын. Ходы Русланыл цæуы 6 азы. Дыууæ азы размæ йæ йæ ныййарджытæ æрбакодтой тхэквондойы секцимæ. Хуымæтæджы нæ, бафæндыд сæ цæмæй сæ хъæбул йæ карæн сывӕллӕттимӕ æмбæла, уыимæ ма цæмæй йе 'нæниздзинад дæр фæхъæддыхдæр уа. Русланы тынг фæндыд базонын тхэквондойы сусæгдзинæдтæ, уымæ гæсгæ йæхиуыл куыста. Йæ удуæлдай фæллойы фæстиуджытæ та сты ахæмтæ: æрыгон спортсмен хаст æрцыд Уæрæсейы Рекордты чиныгмæ. Уый 1 минут æмæ 4 секундмæ 100 хатты æрбадт.Йæ кармæ гæсгæ – уый у ног рекорд. Цæмæй йын йæ бæрæггæнæн фæнысан кæной, уый тыххæй йæ хъуыд цалдæр домæны баххæст кæнын. Фыццаджыдӕр йӕ астæуы хъæд хъуамӕ уыдаид раст, бæлвырддæр та 90 градусы. Къæхтæ дæр равæр-бавæр кæнæн нæй. Алы æрбадты æхсæн дæр 3 секунды. Цæмæй ацы æнтысдзинад Русланæн йæ къухы бафтыдаид, уый тыххæй, йӕхиуыл æнæауæрдгæйæ, чысыл богал афæдзы рдæджы дæргъы сæрмагонд тренировкæтæ кодта, йæхиуыл куыста.Стыр æххуыс ацы сæрæн гуырдæн уыдысты йæ ныййарджытæ. Русланы тренер -Алик Бучукури. Æрыгон ма куы уыд, уæд йæхæдæг дæр ацы спорты хуызы архайдта. Фæлæ ныр 15 азы дæргъы сывæллæттæн спорт уарзын кæны, æнæниз цардыуагыл сæ æфтауы, кусы тхэквондойы тренерæй. Зæгъын хъæуы уый, ӕмæ кусы алыхуызон кары адæмимæ. Дихгонд сты æртæ къордыл. Йæ хъомылгæнинæгтæ иу æмæ дыууæ хатты не`систы уæлахиздзаутæ. Зæгъæм, йæ хъомылгæнинаг чызджытæ цыппарæй систы Уæрæсейы Рекодты чиныгмæ бахæссыны аккаг. Иу къахыл бирæ хатты æрбадын сæ къухы бафтыд. Алик Бучукури йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, йын стыр удæнцой хæссы сывæллæттимæ кусын. Се`нтыстдзинæдтæ та йын балæвар кæнынц æгæрон циндзинад æмæ амонд. Уыимæ ма зæрдæ дары, Руслан ацы спортмæ дарддæр дæр ахæм бæрнон цæстæй куы кæса, уæд йæ къухы бафтдзæн стыр æнтыстдзинæдтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Тхэквондойы спортсмен Ходы Руслан бахауд Уæрæсейы Рекордты чиныгмæ

Категория:

Новости и СМИ