Парламенты советы æмбырды дзырдтой ахуыргæнджытæн æххуысыл
Училищæты æмæ колледжты кълæсты разамонджытæн, гæнæн ис, æмæ райдайдзысты социалон фиддонтæ уарын. Ома, разæнгардгæнæн æфтиаг кæй хонынц, уый. Йæ бæрц у 5 мин сомы. Скъолаты кълæсты разамонджытæ сæ исынц 2020-æм азы сентябрæй нырмæ. Цæгат Ирыстоны парламентаритæ рахæцыдысты ацы сæрмагонд закъоны проекты фарс. Æмæ ныр 5-гай мин сомтæ исын хъуамæ райдайой училищæты æмæ колледжты кълæсты разамонджытæ дæр. Уыимæ ма Парламенты советы æрныхас кодтой æндæр закъонадон хъæппæристыл дæр. Зæгъæм, дзæгъæл куыйтæй горæты уынгтæ асыгъдæг кæнынæн цы мадзæлттыл бакусын хъæуы, ууыл. Æрæджы сын Дзæуджыхъæуы байгом кодтой сæрмагонд бынат. Депутаттæ ма фæндон бахастой ахæм бынат Мæздæджы дæр саразыны тыххæй. Хъуыддагмæ `ркæсдзысты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Парламенты советы æмбырды дзырдтой ахуыргæнджытæн æххуысыл
Категория:
Новости и СМИ