Уæллаг Фыййагдоны дарддæр цæуы хиды арæзтад
Уæллаг Фыййагдоны дарддæр цæуы хиды арæзтад. Куыстытæ райдыдтой сентябры. Зæронд хид хæлд æрцыд, уымæн æмæ æдасдзинады домæнтæн дзуапп нал лæвæрдта. Цалынмæ арæзтадон куыстытæ цæуынц, уæдмæ уал ын йæ фарсмæ рæстæгмæ сарæзтой ног хид. Ис дзы дыууæ тæлмы æмæ дыууæ къахвæндаджы. Хиды дæргъ у 24 метры. Ныртæккæ аразджытæ фæвæййынц фæндаджы æнцойгæрæнтæ æвæрын. Æдасдзинады домæнтæ æххæстгæнгæйæ, цæугæдоны бын дæр бетонæй ныффидар кодтой. Фæхъæддыхдæр ын кодтой йæ фæрстæ дæр. Хид цæттæ уыдзæн ацы азы кæронмæ. Сарæзтой йæ республикон бюджеты æхцайы фæрæзты руаджы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæллаг Фыййагдоны дарддæр цæуы хиды арæзтад
Категория:
Новости и СМИ