Фæсивæдон-туристон клуб «Алания» равзæрд азы размæ
Туристон клуб «Алания» 23 азы размæ æрбангом кодта хæхтæм æнувыддзинад. Абоны бонмæ йæ архайджыты нымæц сси сæдæйæ фылдæр. Цалдæр азмæ активисттæ сарæзтой мин эколгон æмæ спортивон акцийæ фылдæр. Ууыл æнцайынмæ нæ хъавынц. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Куыдзеты Нино арæх æрымысы йæ балц Мадыхохмæ. Афтæ зын уыдзæн уый æнхъæл нæ уыд. Уæвгæ хохы бæзæндæй куы рафæлгæсыд уæд йæ фæлладæй иу мисхал дæр нал аззад. Æрдзы фидауц чызджы дисы бафтыдта. Уый уыд æртæ азы размæ. Уæдæй фæстæмæ йæ балцвæдтæ сарæх сты. Туристон клуб «Алания» у нæ республикйы æмбал кæмæн нæй, ахæм. 23 азы размæ иу хъуыдыйыл хæст адæмы æрбангом кодта хæхтæм уарзондзинад. Клубы архайджыты нымæц цалдæр азмæ сæдæйы сæрты ахызт. Клубы активисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй, сæ сæйраг нысан у æнæниз цардыуагмæ тырнындзинад парахат кæнын. Уымæн та æвдадзы хос сты нæ хæхтæ. Хохы фахсыл уæвгæйæ адæймаг йæхи æндæр хуызы фенкъары, йæ царды уагмæ æркæсы æндæр цæстæй. Къорд азы дæргъы, боныхъæдмæ нæ кæсгæйæ, клубы архайджытæ æрæмбырд вæййынц иумæ. Йæхимæ сæ æлвасы Ирыстоны æрдз. Зæгъын хъæуы уый дæр æмæ, 23 азы ацы змæлдæн у нырма йæ райдиан. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv