Турчы стырдæр горæттæй иуы, Измиры æрцыд зæххæнкъуыст
Хъыгагæн, райдайдзыстæм, Турчы цы æрдзон фыдбылыз æрцыд, уымæй. Абон бæстæйы стырдæр горæттæй иу, Измиры бын зæхх банкъуыст. Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæмард 6 адæймаджы, 300-мæ `ввахс фæцæфтæ сты. Горæты бæстыхæйттæй 12 æркалдысты. Агурæн-ирвæзынгæнæн куыстытæ дзы æвæстиатæй райдыдтой. Ныртæккæ цы кадртæ уынут, уыдон тарст адæм систой сæхæдæг. Зыны дзы, куыд удаист сты, уый. Ахуыргæндты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, зæххæнкъуысты магнитудæ уыдис 6,9 хайы. Æдæппæтæй зæхх базмæлыд 21 хатты. Æрдзон фыдбылызы тых ахæм уыд, æмæ ма йæ суанг грекъаг сакъадах Самосыл дæр банкъардтой. Информацион агентадтæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй уым дæр фæмард 2 сывæллоны. Уæвгæ, уыдон дæр æххæст бæрæггæнæнтæ нæма сты. Зæххæнкъуыст расайдта денджызон цунами. Йæ уылæнтæ æрбагуылф кодтой, былгæрон чи ис, уыцы туркаг горæт Сефери Хисары уынгтæм. Æмæ ма куыд зонут, афтæмæй Измиры цæры бирæ ирон адæм. Чысыл раздæр мах ныхас кодтам не `мфыдыбæстæгты æхсæнад «Алан»-ы сæрдар Хъуысаты Садреттинимæ. Куыд зæгъы, афтæмæй ирон адæмы минæвæрттæн æрдзон бæллæх ницы знаггад ракодта. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Турчы стырдæр горæттæй иуы, Измиры æрцыд зæххæнкъуыст
Категория:
Новости и СМИ