Хуссар Ирыстоны ноджы 46 адæймаджы фæрынчын сты коронавирусæй
Хуссар Ирыстоны дæр эпидемиологон уавæр нæ фæхуыздæр. Ивгъуыд суткæмæ дзы коронавирусæй фæрынчын 46 адæймаджы. Сарæзтой 187 иртæсты. Æдæппæттæй та сентябрæй нырмæ – 9 минæй фылдæр. Ныртæккæ сæхи дзæбæх кæнынц 1 мин 181 рынчыны. Уыдонæй медицинон уагдæтты 231 адæймаджы. Æдæппæтæй та ног низæй амард 21 адæймаджы. Уый тыххæй хъусын кæны Хуссар Ирыстоны сæйраг санитарон дохтыр Косты Мæринæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны ноджы 46 адæймаджы фæрынчын сты коронавирусæй
Категория:
Новости и СМИ