Леопарды ОС
Кавказы хæхтæм цы фыранктæ ауагътой, уыдон адаптаци кæнынц. Сæ хъуырбосты спутниктæ æрвитынц сигналтæ. Уый тыххæй хъусын кæны Цæгат Ирыстоны экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министрад. Фыццаг бонты сырдтæ сæ рауагъды бынатæй дард нæ цыдысты. Фæлæ ныр фыранк Батраз адард 8 километры. Агуындæ та рауагъды бынатæй ацыд 12 километры бæрц. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Азиаг фыранкæ Кавказы апарахат кæныны уынаффæ рахаста Уæрæсейы æрдзон æвæрæнты министрад. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Леопарды ОС
Категория:
Новости и СМИ