Кировыхъæуы цæрæг Мамиаты Хъазыбегæн, республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй, радтой
Мамиаты Хъазыбег Кировыхъæуы цæрæг у. Фосдарынады куыст кæнынмæ рагæй бæллыд. Фарон республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславмæ бахатыд хъæуы цæрджыты æмбырды рæстæг. Йæ фæнд бамбарын кодта республикæйы сæргълæууæгæн æмæ къуырийы фæстæ 10 роды радтой æрыгон лæппуйæн. Иу афæдзы дæргъы куыд зылд фосмæ æмæ сæ куыд схаста, уый тыххæй нын радзурдзæн нæ уацхæссæг Айларты Эмилия. Æрмæг бацæттæ кодта уалдзæджы, фæлæ короновирусы инфекци кæй апарахат, уымæ гсæгæ йæ равдисын нæ къуыхы ныр бафтыд. Кировыхъæуы цæрæг Мамиаты Хъазыбегæн фосдарынады куыст йæ зæрдæмæ рагæй цæуы. Суанг ма гыццыл куы уыд, уæддæр йæ фыд дардта стурвос æмæ сæм иумæ зылдысты. Хъазыбегыл цæуы 22 азы. Ахуыр фæцис Цæгат Ирыстоны Аграрон университеты технологон факультет. Уым ахуыр кæнгæйæ фос дарынвæнд скодта. Йæ фадæттæм гæсгæ йæ бон 3 стурвосæй фылдæр скæнын нæ уыд. Хъæуы цæрджыты æмбырды рæстæг Хъазыбег Битарты Вячеславмæ бахатыд, фосы куыст кæнын æй кæй фæнды, уый тыххæй. Фарон Республикæйы сæргълæууæджы хъæппæрисæй æрыгон лæппуйæн лæвæрд æрцыд 10 роды. Афæдзы дæргъы цы фосмæ зылд, уыдон ныр 420 кг фылдæр ласынц. Сты алыхуызон фосы мыггагæй. Алкæмæн дæр сын радта буц нæмттæ дæр. Хъазыбегæн фосмæ зилынмæ æххуыс кæны йæ хистæр æфсымæр Мамиаты Эльбрус. Райсомæй раджы сæ дыууæ дæр рацæуынц фосæн хæринаг раттынмæ. Сæ бынат кæдфæндыдæр вæййы хæрззылд æмæ æфснайд. Дарынц ма 18 хъыбылы æмæ дыууæ фысы. Фидæны фермæ рапарахат кæныны фæнд дæр сæм ис. Мамиаты Жаннæ лæппутæн у сæ фыды хо у. Гыццылæй нырмæ хъомыл кодтой йæхи цур. Сæ ныййарджытæй уæлдай ма сын Жаннæ дæр æххуыс кодта сæ ахуыры рæстæг. Уæдæ фосы куыст кæнын куы райдыдтой, уæд дæр сæм фæкаст æхцайы фæрæзтæй. Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æппынæдзух архайы, цæмæй фæсивæд хъæутæй горæтмæ ма лидзой. Уый тыххæй сын аразы æппæт фадæттæ дæр. Уымæн æвдисæн - Мамиаты Хъазыбег. Айларты Эмилия _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Кировыхъæуы цæрæг Мамиаты Хъазыбегæн, республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй, радтой
Категория:
Новости и СМИ