РФМЛИ йы сц алцæг кæндзысты хæрæндон æмæ æхсæвиуат кæнынæн агъуыстытæ
Республикон физикон-математикон лицей-интернат æнтыстджынæй цалцæггонд цæуы. Агъуыстыты цæрдзысты республикæйы дард районтæй цæуæг сывæллæтæ. Ныридæгæн цæттæ кæнынц, 150 скъоладзауы кæм бацæудзæн, ахæм сæрмагонд аходæн бынат. Арæзтады куыстытæ цæуынц 355 квадратон метры бæстыхайыл. Фæнысан кæнын хъæуы уый, æмæ лæппутæ æмæ чызджытæн дзы уыдзæн хицæн бынæттæ. Лицей цалцæггонд цæуы республикон бюджеты фæрæзтæй. Кæронмæ баххæст кæнынфæнд æй кæнынц ног ахуырадон азы райдианмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv