Хидирты Батраз фембæлд Урсдоны цæрджытимæ
Республикæйы æрдзон æвæрæнты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстæнæг Хидирты Батраз фембæлд Урсдоны цæрджытимæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Дыгуры районы бæлæстæ кæй акалдтой, уыцы хъуыддаг цæрджытæм хорз нæ фæкастис. Адæм сæ хъаст интернетмæ рахастой, фæсидтысты республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславмæ, цæмæй уавæрмæ йæ цæст æрдара. Хидирты Батраз цæрджыты фæрстытæн дзуаппытæ радта. Бамбарын сын кодта, бæлæстæ кæй акалдтой, уыцы хъуыддаг закъонмæ гæсгæ кæй уыд. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фарон нæ министрад сарæзтой аукцион, Урсдоны хъæды хæдзарады хъæдæрмæг цæттæ кæнынмæ. Бæлæстæ калдтой æвзаргæйæ, специалистты нысантæм гæсгæ. Уыцы хъуыддаг пайда у хъæд сног кæнынæн. Ома цæмæй æрыгондæр бæлæстæн фадат уа дарддæр рæзынæн, уый тыххæй зæронддæртæ акалынц. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ фæстаг дыууæ азы Дыгуры районы хъæды хæдзарады акалдтой 2000 бæласы. Национ проект «Экология»-йы фæлгæты та ныссагътой 37 мин талайæ фылдæр. Цæрджытæ ма куыд загътой, афтæмæй Урсдоны доны æмвæзад дæр къаддæр кæны бæлæстæ акалыны тыххæй. Фæлæ специалисттæ адæмæн бамбарын кодтой, уыцы дыууæ хъуыддаджы кæрæдзиимæ баст кæй не сты. Фембæлды кæронбæттæны Дыгуры районы администраци экологи æмæ æрдзон ресурсты министрадмæ радтой сæрмагонд фыстæг. Амынд дзы ис, цæмæй Урсдоны хъæды хæдзарады бæлæстæ калыны хъуыддаг бауромой. Сæ къухтæ дзы бафыстой цæрджытæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хидирты Батраз фембæлд Урсдоны цæрджытимæ
Категория:
Новости и СМИ