Дзанайты Барис ныхас кодта Уæрæсейы сывæллæтты спорты райæзты концепийыл
Цæгат Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы президенты цур Дзанайты Барис ныхас кодта Уæрæсейы сывæллæтты спорты райæзты концепийыл. Проектыл æрдзырдтой Паддзахадон Думæйы тымбыл стъолы рæстæг. Республикæйы минæвæрттæ ныхас кодтой Цæгат Ирыстоны физкультурæ æмæ спорты райрæзтыл. Æдæппæттæй нæм ис 36 спортивон уагдоны сывӕллӕттӕн. Уыдонæй - 9 сты олимпаг резервы спортивон скъолайы. Дзанайты Барис фæнысан кодта, ахæм бынæтты кӕй рæзынц æмæ сæхиуыл кусынц фидæны стъалытæ. Уый тыххæй цалцæг кæнынц профилон объекттæ республикæйы алы районы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзанайты Барис ныхас кодта Уæрæсейы сывæллæтты спорты райæзты концепийыл
Категория:
Новости и СМИ