Дзæуджыхъæ уы спорты галуан «Манеж» ы ацыд спортивон мадзал скъоладзауты ’хсæн
Спорты галуан «Манеж»-ы ацыд æппæтуæрæсеон физкультурон-спортивон комплекс «ГТО»-йы регионалон къæпхæн. Сæ тыхтæ фæлвæрдтой муниципалон къæпхæны уæлахиздзаутæ. Спортивон мадзалы аразджытæ - физикон культурæ æмæ спорты министрады уæнгтæ. Фылдæр хабæрттæ нæ дарддæры æрмæджы Гуыбаты Дзерассæ ацы спортивон мадзалмæ ссыд Æрыдоны районæй. Йæ размæ сæвæрдта уæлахиздзау суæвыны хæс. Куыд зæгъы, афтæмæй, ацы фестивалы тыххæй куы базыдта, уæд æвæллайгæйæ райдыдта йæхиуыл кусын. Уый у сæйрагдæр, зæгъы Дзерассæ. Рог атлетика, бынатæй гæппытæ, æмæ ма æндæр спортивон хæс лæвæрдтæ. Нормативтæ раттын хъæуы æппæтæн дæр. Архайджыты кар - 10-12 аздзыдтæ æмæ 13-15 аздзыдтæ. Иууылдæр сты муниципалон къæпхæны уæлахиздзаутæ. Фестиваль саразджыты ныхæстæм гæсгæ, ам сæйрагдæр у, цæмæй сывæллæттæ спорт бауарзой. Жюри сбæрæг кæндзæн 60, 1500 æмæ 2000 метры дистанцæтыл згъорджытæй хуыздæрты. Сæ тыхтæ ма бафæлвардзысты пурти ’ппарæн ерысты, ленк кæныны æмæ хиуыл схæцæнты. Уæлахиздзаутæ абалц кæндзысты лагерь «Артек»-мæ. Уым архайдзысты тематикон программæ «В движении ГТО!»-йы, зæгъгæ. Пелиты Сабинæ, Гæтæгты Сабинæ, Бзыккаты Аланæ, Ирыстоны Хабæрттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv