Цæгат Ирыстоны бæрæг кæнынц Ирон тырысайы бон
Цæгат Ирыстоны абон бæрæг кæнынц Ирон тырысайы бон. Триколор сфидар кодтой 1991-æм азы 2-æм октябры. 1994-æм азы 24-æм ноябры та триколор ногæй сфидар кодта республикæйы парламент. Тырысайы хуызтæ хуымæтæджы æвзæрст не*рцыдысты. Урс нысан кæны сыгъдæгдзинад, сырх - хъæбатырдзинад, тых, кад æмæ намыс, бур та - фарн, бæркад æмæ хъæздыгдзинады нысаниуæг хæссы. Тырысайы хуызтæ баст сты нæ рагфыдæлты царды фæткимæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны бæрæг кæнынц Ирон тырысайы бон
Категория:
Новости и СМИ