Дзæуджыхъæ уы æркастысты таксийы шофырты куыстмæ
Дзæуджыхъæуы æркастысты таксийы шофырты куыстмæ. Иумæйаг рейд сарæзтой пъæлицæйæгтæ æмæ промышленность æмæ транспорты минстрады куысджытæ. Сбæрæг кодтой, æнæзакъонæйы цы шофыртæ кусынц, уыдоны. Уагæвæрдмæ гæсгæ, алкæмæ дæр хъуамæ уа бæлцæттæ ласынæн лицензи. Бæрæг ма кæнынц хæдтулгæйы техникон уавæрыл дзурæг сæрмагонд гæххæттытæ. Таксийы кусæгмæ хъуамæ, æнæмæнг, уа медицинон æркасты тыххæй сæрмагонд гæххæт. Бархæлдтытæ куы рабæрæг вæййынц, уæд фыст æрцæуы проторок. Ахæм рейдтæ арæзт цæуынц арæх. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv