Хъæды хæдзарады кусджытæ тох кæнынц бæлæстæ æнæзакъонæй чи акалы, уыдонимæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 просмотров

6 лет назад

Цæгат Ирыстоны хъæды хæдзарады кусджытæ сæ хъус дарынц, закъоны сæрты хизгæйæ бæлæстæ чи цæгъды, уыдонмæ. Сæрмагондæй аразынц рейдтæ. Уæлдай ахсджиагдæр сты Ног Азы бæрæгбонмæ хæстæгдæр заз бæлæстыл чи нæ ауæрды, уыдоны ныхмæ. Барадхъахъхъæнджытæ цæрджыты зæрдыл лæууын кæнынц, заз бæлас фадгæ кæй æрцахсой, уыдон дзуапп дæтдзысты административон æгъдауæй. Ивар та у 3 мин сомы онг хуымæтæг адæймагæй, юридикон бæрнондзинад чи хæссы, уыдонæн та 300 мин сомы онг. Алагиры районы хъæды хæдзарады кусджыты бон райдайы территориалон дæлхайады. Рейды рацæуыны размæ уал алкæмæндæр снысан кæнынц йæ хæстæ. 11-æм ноябрæй фæстæмæ æрвылбон нысангонд фæткмæ гæсгæ фæархайынц сӕ хӕстыл. Къордтæ рад хæссынц, заз æмæ нæзы бæлæстæ æнцондæр ракæнæн кæм, у уыцы бынæтты. Суанг Унал æмæ Буроны дæр. Хъахъхъæнæг къордты бæрны ис 33 мин гектары хъæд. Цæмæй æрдзон æвæрæнтæм браконьерты къух ма бахæццæ уа, уый тыххæй рад хæссынц æхсæвæй-бонæй. Ног Азы бæрæгбоны агъоммæ хъæдмæ уæлдай цæстдард ис, уымæн æмæ бирæтæ заз бæлæстæ бæрæгбонмæ сфæнд кæнынц хъæдæй æрхæссын, уыимæ ма уæй кæнынмæ. Хъæды хæдзарады разамынд æхсызгонæй фæбæрæг кодта, ацы аз закъонхалджыты нымæц зынгæ кæй фæкъаддæр ис, уый. Хъæдæй браконьертæ сæхи ныртæккæ дард ласынц. Закъоны сæрты ахизын чи бафæлвара, уыдон та æрцæудзысы æфхæрд. Гæнæн ис, æмæ уголовон æгъдауæй дæр. Уæвгæ, фæстаг рæстæг адæм сындæггай рахызтысты къухæй арӕзт зазтæм. Уыдон дæр сты рæсугъд, уымæй уæлдай ма лæугæ дæр цалдæргай азты кæнынц. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хъæды хæдзарады кусджытæ тох кæнынц бæлæстæ æнæзакъонæй чи акалы, уыдонимæ

Категория:

Новости и СМИ