Скъолайы туризмы райрæзты программæ бацæттæ кодта Уæрæсейы хицауад
Скъолайы туризмы райрæзты программæ бацæттæ кодта Уæрæсейы хицауад. Фæлварæн хуызы кусын райдайдзæн нæ бæстæйы 18 регионы. Йæ сæйраг нысан — скъоладзаутæн зонадон туризмы архайдæн хъæугæ фадæттæ саразын. Фæсивæдæн бацæттæ кæндзысты экскурситæ нæ бæстæйы регионтыл. Уый тыххæй рахай кодтой 500 милуан сомы. Нæ бæстæйы 18 объектæй скъоладзаутæн балцы ацæуыны фадат уыдзæн уалдзæджы. Цæмæй сæ бон уа бахсæвиуат кæнын æмæ баулæфын, уый тыххæй балцы дæргъ суткæйæ къаддæр нæ уыдзæн. Ацы аз скъоладзауты туризмы программæйы фæлгæты сæ бон уыздæн 100 мин ахуырдзауæн баулæфын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv