Æрыдоны р. сæргълæууæг Мæхæмæтты Зауырбег æрныхас кодта Тускъаты Таймуразимæ районы рæзты фарстатыл
Æрыдоны районы хицауад баххæст кодта 2020 азы социалон хæстæ. Дарддæры рæзты фарстатæ æмæ районы раззагдæр нысæнтты тыххæй районы администрацийы сæргълæууæг Мæхæмæтты Зауырбег æрныхас кодта Тускъаты Таймуразимæ. Инвестортимæ куыст, амалхъомдзинады райрæзт, хи æфтиæгтæ фæфылдæр кæнын. Уыдон сты сæйрагдæр фарстатæ. 2020 азы районы регистраци скодтой 538 куыстуаты. Бюджет æххæстгонд æрцыд 100 проценты бæрц. Хъалонтæ æмæ æндæр æфтиæгты бæрц районы бюджеты сси 166 милуан сомы. Хуыздæры 'рдæм ивддзинæдтæ къухы бафтыдысты паддзахадон æмæ национ проектты руаджы. Аразынц социалон,ахуырадон æмæ скъолайы агъоммæ объекттæ. Районы аразынц уавæртæ спортæй архайынæн дæр. Ацы аз пъланмæ гæсгæ бакусдзысты коммуналон къабазыл. Зæгъæм, Нартыхъæу, Фыййагдон æмæ Рассветы 'хсæн фæндагыл хиды куыстытæ кæронмæ ахæццæ кæндзысты. Уый руаджы фæндаггон змæлд уыдзæн æдасдæр. Уыимæ ма дзы фылдæр хæдтулгæтæн уыдзæн ацæуыны фадат. Хъæууон- хæдзарадон техникæйы бон дæр суыдзæн ног хидыл ацæуын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрыдоны р. сæргълæууæг Мæхæмæтты Зауырбег æрныхас кодта Тускъаты Таймуразимæ районы рæзты фарстатыл
Категория:
Новости и СМИ