58 ӕм ӕфсады мотоӕхсӕг иугондмӕ ӕрбафтыд 100 ӕфсӕддонӕй фылдӕр

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

6 лет назад

58-ӕм ӕфсады мотоӕхсӕг иугондмӕ ӕрбафтыд 100 ӕфсӕддонӕй фылдӕр. Эпидемиологон уавӕрмӕ гӕсгӕ ӕфсӕддонтӕ, фыццаджыдӕр, ацӕуынц медицинон ӕркаст. Ӕрбынат кодтой сӕрмагонд къазарматы. Дыууӕ сахатӕй дыууӕ сахатмӕ сын дӕттынц медицинон маскӕтӕ, бӕстыхӕйттӕ дезинфекци кӕнынц. Уӕдӕ дохтырты амынддзинӕдтӕ дӕр ӕххӕст кӕнынц афойнадыл. Ахуырадон дӕлхайӕдты мӕйы дӕргъы ахуыр кӕндзысты ӕфсӕддон цӕттӕдзинады ӕууӕлтӕ. Уый фӕстӕ ӕфсӕддонтӕ ацӕудзысты сӕхи хӕйттӕм. Cлужбӕйыл цӕмӕй ацахуыр уой, уый тыххӕй сын скӕндзысты ӕмбырдтӕ сӕрмагонд программӕты фӕлгӕты. Ахуыр кӕндзысты устав, боны уаг, ӕфсӕддон техникӕ. Ӕмбырды фӕстӕ ӕфсӕддонтӕ ард бахӕрдзысты. Ӕдӕппӕтӕй Цӕгат Ирыстонӕй фӕззыгон ӕрсидты рӕстӕг службӕ кӕнынмӕ ацӕудзӕн 700 ӕфсӕддонӕй фылдӕр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

58 ӕм ӕфсады мотоӕхсӕг иугондмӕ ӕрбафтыд 100 ӕфсӕддонӕй фылдӕр

Категория:

Новости и СМИ