Парти «Иугонд Уæрæсе» аразы рухстауæн акци
«Собери ребёнка в школу», зæгъгæ, рухстауæн акци ацыд Дзæуджыхъæуы. Мадзалы сæйраг нысан уыд - æххуыс кæй хъæуы, уыцы бинонты цы сывæллæттæ хъомыл кæны, уыдоны скъоламæ бæцæттæ кæнынмæ фæкæсын. Сывæллæттæн радтой хызынтæ, ахуырæн хъæугæ дзауматæ - кърандæстæ, тетрæдтæ. Уыимæ ма сабитæн сарæзтой гыццыл бæрæгбон. Сæ зæрдæтæ сын балхæдтой адджинæгтæй. Хъæугæ æххуыс сын бакодта парти «Иугонд Уæрæсе». Акци ахæсдзæн 1 сентябрмæ. Æмткæй райсгæйæ республикæйы баххуыс кæндзысты 200 бинонтæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Парти «Иугонд Уæрæсе» аразы рухстауæн акци
Категория:
Новости и СМИ