Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады сарæзтой фæсаууонмæ цæстдардты къордтæ
Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады сарæзтой фæсаууонмæ цæстдардты къордтæ. Бæрæг кæндзысты фæндаггон змæлды закъонхæлдтытæ. Сæрмагонд ведомствæйы куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй транспортон фыдбылызты нымæц къаддæр нæ кæны. Фыдбылызты сæйраг аххосæгтæ-шофыртæ хæдтулгæйы тагъдады фæтк кæй нæ æххæст кæнынц, уый. Уыимæ ма арæх хæдтулгæ фескъæрынц нозтджынæй. Фæсаууонмæ цæстдарды къордтæ кусынц боны дæргъы. Уыймæй уæлдай ма паддзахадон автоинспекцийы кусжытæ бæрæг кæнынц социалон хызæгтæ. Закъонхалджыты æфхæрдзысты, административон æгъдауæй, кæнæ хæдтулгæйыл бадыны бардæттæг гæххæт исдзысты 2 азы онг. Пъæлицæйæгтæ сидынц адæммæ, закъонхалд фенгæйæ дзурой сæрмагонд номырмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады сарæзтой фæсаууонмæ цæстдардты къордтæ
Категория:
Новости и СМИ