Цæгат Кавказы Федералон зылды ног ахуыры аз райдайдзæн фæткмæ гæсгæ
Цæгат Кавказы Федералон зылды ног ахуыры аз райдайдзæн фæткмæ гæсгæ, 1 сентябры. Адæмы бартæ хъахъхъæныны федералон службæйы амындтытæм гæсгæ, хъуамæ скъолатæ куыд æмбæлы, афтæмæй æххæст кæной сæрмагонд домæнтæ. Ома, ахургæнæндоны кабинеттæ æппынæдзухдæр цæуой дезинфекцигонд. Рæстæгмæ уал хъуамæ ист æрцæуой æхсæнадон мадзæлттæ. Уæрæсейы Федерацийы рахстауыны министр Сергей Кравцов раздæр куыд бафиппайдта, афтæмæй регионтæн сæ фылдæр хай цæттæ сты ахуыры аз æмбæлгæ фæткмæ гæсгæ райдайын. Нырма дзы цæттæ чи нæма у, уыдонимæ та ныртæккæ цæуы сæрмагонд куыст. Куыд ма загъта, афтæмæй ахуыры аз куыд æмæ цы хуызы райдайдзæн, уый сбæрæг уыдзæн эпидимиологон уавæрмæ гæсгæ. Сентябры уал кусынмæ цæттæ сты Цæгат Ирыстон, Кæсæг-Балхъар æмæ Стъараполы край. Нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Людмилæ Башарина куыд бафиппайдта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны æппæт æмбæлгæ домæнтæ дæр æххæстгонд цæудзысты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Кавказы Федералон зылды ног ахуыры аз райдайдзæн фæткмæ гæсгæ
Категория:
Новости и СМИ