Дзæуджыхъæ уы администрацийы дзыртой бирæвæрсыг спортивон арæзтады мадзæлттыл
Дзæуджыхъæуы администрацийы уыд æхсæнадон æмбырд. Ныхас кодтой бирæфункционалон спортивон центры арæзтадыл. Ног объект фæзындзæн Джызæлмæ фæндагыл. Уыдзæн дзы дыууæ футболон æмæ ихыл бырæн нырыккон фæзтæ. Футболон фæзтæй иу уыдзæн гом арвы бын. Уымæй уæлдай волейболæй æмæ баскетболæй хъазынæн фæзуæттæ. Рог атлетикæйæ архайынæн дзы сараздзысты згъорæн фæндæгтæ. Проект æххæст кæндзысты инвесторты руаджы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv