Журнæлисттæн радзырдтой Мамысоны курорты бальнеологон гæнæнты тыххæй
Бальнеологон бынаты фæрцы Мамысон курорт йæхимæ фылдæр туристты `лвасдзæн. Уый руаджы дзæбæхгæнæн туризмы хæрзхъæддзинад Цæгат Ирыстоны зынгæ фæхуыздæр уыдзæн. Ахæм хатдзæгтæм æрцыдысты специалисттæ. Мамысоны дон гуырæнтæ бæстон иртæст не сты. Ныртæккæ æргом 'здæхт цæуы Тибмæ. Мамысоны курорты бальнеологон миниуджытæ ахсджиаг сты. Уыдоны руаджы республикæйы фæзындзысты æрвылазон дзæбæхгæнæн туризмы авналæнтæ. Специалисттæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй Мамысоны гидроминералон бындур дих кæны дыууæ хайыл: Тиб æмæ Мамысоны минералон дæтты гуырæнтыл. Тиб у цæттæ гидроминералон æвдадзы хос. Дих кæны дыууæ хуызыл. Мамысоны минералон дæтты гуырæнтæ бæстонæй бæрæггонд не сты. Эксплуатацийы радтæн сæ нырма нæй. Бæззынц æрмæст геологон иртасæнты куыстæн. Агурæн-аргъгæнæн куыстыты фыцццаг хай ныридæгæн баххæст кодтой. Дарддæр Мамысоны доны гуырæнтæ хуыздæр базонынæн хъæуы геологон иртæстытæ саразын æмæ донгуырæнтæ къахын. Специалисттæ уал бацæттæ кодтой Мамысоны курорты бальнеологийы райрæзты мадзæлттæ. Фыццаджыдæр се 'ргом аздæхтой Тибмæ. Уымæн æмæ дзы пайда кæнын райдайынмæ цæттæ у. Ныридæгæн санаторон-фысымуатон комплексы эскиз дæр барæвдз кодтой. Мамысоны фæзы арæзтады концепци дыууæ къæпхæныл адих кодтой. Фыццаджыдæр дзы фæнд кæнынц нуазыны доны галерейтæ саразын. Ӕрмæст уый фæстæ специалисттæ балæудзысты дыккаг къæпхæны проектыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Журнæлисттæн радзырдтой Мамысоны курорты бальнеологон гæнæнты тыххæй
Категория:
Новости и СМИ