Мæздæгæй Дзæуджыхъæумæ фæндаджы цалцæггæнæн куыстытæ дæр дарддæр цæуынц
Мæздæгæй Дзæуджыхъæумæ фæндаджы цалцæггæнæн куыстытæ дæр дарддæр цæуынц. Автомобилон фæндаг «Кавказ» бындуронӕй цалцæггонд æрцæудзæн Хурыхъæу-Мæлгобек æмæ Мæздæгмæ фæндаджы уаццагыл. Йæ дæргъ 58 километры бæрц. Ивгъуыд къуыри Зилгæмæ хæстæгдӕр асфальтæн йæ фыццаг уæлцъар сæвæрдтой. Æдæппæтæй 1 500 метрæй фылдæр. Хъæды уылты фæндаг кæм цæудзæн, уым ныридæгæн змис æмæ хуыр акалдтой. Фæстæдæр ӕмбӕрзт æрцæудзæн хæрзхъæд асфальтæй, бетонæй уæлцъаримæ. Фæндаггæрæттæ цæмæй æдасдæр уой, уый тыххæй дзы зæхх æмраст кæнынц. Фæндагыл сног кодтой æртæ хиды æмæ дзы фæзынд, къæвдайы дон кæуылты кæлдзæн, ахæм хæтæлтæ. Куыстытæ æххæстгæнæн компанийы минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, фæндаг сараздзысты æмбæлгæ рæстæгмæ. Стæй йæ хæрзхъæддзинад дæр дызæрдыккаг нæ уыдзæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мæздæгæй Дзæуджыхъæумæ фæндаджы цалцæггæнæн куыстытæ дæр дарддæр цæуынц
Категория:
Новости и СМИ