Дзæуджыхъæ уы бирæфатерон хæдзары 11 уæладзыджы æрцыд зынгсирвæзт
Дзæуджыхъæуы бирæфатерон хæдзары 11 уæладзыджы æрцыд зынгсирвæзт. Къостайы уынджы 278 хæдзармæ æвæстиатæй атагъд кодтой æнæнхъæлæджы цауты управленийы специалисттæ. Зынгимæ тох кодтой 30 ирвæзынгæджы æмæ техникæйы 7 иуæджы. Æдас ранмæ ракодтой 70 бынæттон цæрæгæй фылдæр. Арт апарахат 43 квадартон метрыл. Ацы сахатмæ зынгсирвæзт ахуыссын кодтой. Æнæнхъæлæджы цауты управленийы пресс-службæйы ныхæстæм гæсгæ, æвирхъау цауы рæстæг хъыгдæрд цы ацæргæ нæлгоймаг баййæфта, уый рынчындонмæ ласгæйæ, хъыгагæн, йæ цардæй ахицæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv