Транзитон транспорт Цыколайы уылты нал цæудзæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

44 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

44 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

44 просмотра

3 года назад

Фæндаг байгом æмæ йыл ныр цæуыны бар ис. Фыццаг æй бафæлвæрдтой уæзласæн хæдтулгæтæ. Ныр транзитон транспорт Цыколайы уылты нал цæудзæн. Хъæуы иувæрсты фæндаг райдыдтой аразын фарон, йæ дæргъ - 8 километры. Куыстытæ цыдысты æнæрлæугæйæ. Æмгъуыд сын уыд афæдзы кæронмæ, фæлæ нысангонд фæткæй раздæр фесты. Фæндаджы бын сæвæрдтой 19 дондзæуæн хæтæлы. Йæ иувæрсты - фидар гæрæнтæ. Трассæйыл ис цæуæн 100 километры сахатмæ. Кадджын мадзалмæ Æрæфы районмæ сцыд  сæргълæууæг Сергей Меняйло. Фæндаджы æууæлтæн аргъ скодта бынаты. Иувæрсты трассæ у регионалон фæндаг "Дзæуджыхъæу - Æрыдон - Цыкола - Лескен-2"-йы хай. Йæ фæрцы-иу шофыртæ рахиздзысты "Цыкола - Мацутæ - Комы-Арт"-ы фæндагмæ. Объект сарæзтой "Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгты" национ проекты "Фæндаггон хызы" регионалон проекты фæлгæты.

, чтобы оставлять комментарии