Дзæуджыхъæуы 100 бархионæй фылдæр райстой кады гæххæтытæ
Сæ ахсджиаг архайды фæдыл абон арфæ ракодтой бархионтæн дæр. Пандемийӕйы рæстæг се 'ххуысы руаджы дохтыртæн бантыст цардмӕ раздахын дæсгай адӕймӕгты. Се 'хсæн «Молодежка ОНФ», ресурсон центр «Доброволец Кавказа», хæрзаудæн фонд «Быть Добру», ирвæзынгæнджыты Æппæтуæрæсеон студентон корпус, Уæрæсейаг фæсивæдон цæдис æмæ æндар организациты минæвæрттæ. Æдæппæтæй 100 адæймагæй фылдæр. Фæнысан сæ кодтой Владимир Путины Кады гæххæттытæ æмæ майдантæй. Аккаг аргъ ма сын скодтой Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло, Тебиаты Сослан æмæ Паддзахадон думæйы депутат Таймазты Артур. Кады гæххæттытæ ма райстой, ахсджиаг регионалон мадзæлттæ цæттæ кæнынмæ чи æххуыс кодта, уыцы бархионтæ дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv