Цæгат Ирыстоны ирон литературæйы музейы цалцæг кæронмæ фæхæццæ кæны
Цæгат Ирыстоны ирон литературæйы музейы цалцæг кæронмæ фæхæццæ кæны. Куыстытæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ ис сæрмагонд цæстдард. Сæйрагдæр у, паддзахы рæстæгæй баззайгæ агуыридуртæ бахъахъхъæнын. Аразджытæ арæхстгай райхæлдтой советон цæдисы рæстæг сæрст къултæ. Ныр сæ ног кæнынц. Музейы рацарæзтыл архайынц 17 аразæгæй. Культурон нысаниуæгимæ объекттæ цалцæг кæнын райдыдтой Аланийы дзуæрафтыды 1 100 азы бæрæгбонмæ цæттæгæнæн мадзæлтты фæлгæты. Куыстытæн рахай кодтой 6 милуан сомы. Сæрмагонд бадзырдмæ гæсгæ объект хъуамæ срæвдз уа декабры. Фæлæ аразджытæ зæрдæ бавæрдтой, куыстытæ æмгъуыдæй раздæр кæй фæуыдзысты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны ирон литературæйы музейы цалцæг кæронмæ фæхæццæ кæны
Категория:
Новости и СМИ