Ирон æвзаг бахъахъхъæныны æмæ райрæзты фæдыл къамисы æмбырд
Ирон æвзаг бахъахъхъæныны æмæ райрæзты фæдыл къамисæн уыд æмбырд. Амыдта йæ Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Хицауады уæнгтæн æмæ æхсæнæдон организациты минæвæрттæн бахæс кодта мадæлон æвзаг фесæфын ма бауадзынæн сæрмагонд мадзæлтты фæтк снысан кæнын. Баныхас кодтой къамисы æмбырдтытæ арæхдæр аразын. Ирон адæмы национ культурæ бахъахъхъæнынæн Цæгат Ирыстоны 2019 азы арæзт æрцыд æрыгон ахуыргæндты скъола-конференци.Уый тыххæй фехъусын кодта национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министр - Цуциты Аслан. Йæ архайджытæ уыдысты 200 фылдæр. 78-æй дзы равдыстой сæ наукон куыстытæ. Ацы аз æрыгон ахуыргæндты скъола эпидемиологон уавæры тыххæй аргъæвтой сентябрмæ. Программæйы фæлгæты ма райдыдтой ирон адæмы Нарты энциклопеди аразын. Уыцы куыст уыди Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты бæрны. Битарты Вячеславы уынаффæмæ гæсгæ, министрад æххуыс кæнын райдыдта ирон журналисттæ цæттæ кæныны хъуыддаджы. Программæйы фæлгæты сæ дæсныйад фæуæлдæр кодтой республикæйы адæмон театрты разамонджытæ. Уыимæ ма, районты арæзт æрцыдысты экспедицитæ фото æмæ видеоистытимæ. Информаци бахастой ирон традицион культурæйы банкмæ. Республикæйы дарддæр цæуы полилингвалон системæмæ гæсгæ ахуырад. Сфидар кодтой 2019-2020 азы ацы системæмæ гæсгæ цавæр скъолайы агъоммæйы уагдæттæ кусдзысты, уыдоны номхыгъд. Ахуырад æмæ наукæйы министрады хъæппæрисæй Дзæуджыхъæуы сывæллæтты сфæлдыстады галуаны æнæхъæн аз цæуынц ирон æвзаджы ахуыртæ. Архайынц дзы скъоладзаутæ æмæ, скъоламæ чи нæма цæуы, ахæм сабитæ. Æдæппæтæй сты 50. Ныхас цыд мыггæгты мæсгуыты фæрстайыл дæр. Сæ фылдæр хай сты рацаразинаг. Уыимæ ма дзы бирæтæ мыггæгты бæрны дæр не 'сты. Культурон объекттæ хъахъхъæныны комитеты сæрдар Æгайты Эмилия куыд фæбæрæг кодта, уымæ гæсгæ, цæмæй мæсыг мыггаджы бæрны бацæуа, уый тыххæй сæм хъуамæ уа юридикон организаци. Мæсыг рацаразыны фæнд ис бирæтæм. Мартъийы онг комитетмæ бахастой 66 курдиаты. Се'ппæтмæ дæр æргом здæхт цæудзæнис. 2019 азы республикæйы сфидар кодтой, культурон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм 12 объекты. Се'ппæты дæр ныртæккæ хъахъхъæны паддзахад. Битарты Вячеслав бахæс кодта, цæмæй республикæйы сфидар кæной, историон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм цæрæн бынæттæ. Ирон æвзаг бахъахъхъæнынæн куыст цæуы дзыллон коммуникациты фæрæзты руаджы дæр. Республикæйы телеуынынады фенæн ис 20 равдысты иронау. Национ телеуынынады уыдон сты программæ «Дæ изæр хорз», «Бæрцытæ». Программæйы фæлгæты цæттæгонд æрцыд телепроект «Тропы Алании»-йы дыккаг хай. Арæзт у 10 равдыстæй. Æвдисдзысты дзы Цæгат Ирыстоны культурæйы алы къабæзтæ. Фембæлды кæронбæттæны Битарты Вячеслав бабар кодта бæрнон ведомствотæ æмæ министрадты минæвæрттæн проргаммæйы къуылымпыдзинæдтыл бакусын. Мæйы дæргъы хъуамæ къамисы уæнгтæ бакусой ног программæйы пъланыл, цæмæй йыл дарддæр æнтыстджынæй куыст цæуа. Хуасдзауты Алинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ирон æвзаг бахъахъхъæныны æмæ райрæзты фæдыл къамисы æмбырд
Категория:
Новости и СМИ