Дзæуджыхъæуы Весенняя уынджы 38 æм хæдзары цæрджыты тыхсын кæны хæдзары сæры уавæр

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

Дзæуджыхъæуы Весенняя уынджы 38-æм хæдзары цæрджыты тыхсын кæны хæдзары сæры уавæр. Уæлдайдæр та уæллаг уæладзгуыты цæрджытЫ. Ныр 5 азы дæргъы æххуысагур цæуынц цæрæнуæтты цæстдарды службæ æмæ разамынддæттæг компанимæ. Кусджытæ хæдзары сæр сцалцæг кæнынц, фæлæ сфаг вæййы æрмæст фыццаг къæвдайы онг. Бæлвырддæр радзурдзæн Дзæдзойты Фатимæ. Хæдзары сæр тæдзы, уый бæрæг у, фатермæ куы нæма бакъахдзæв кӕнай, уæддæр. Бахизæны лӕууынц ведратæ æмæ тастæ. Фæлæ къæвда бон уыдон дæр ницы 'ххуыс сты. Дон къултыл бынмæ згъоры æмæ пъолтыл фыр хуылыдзæй ӕрлӕууӕн нал вæййы. Ацы кадртæ нæм æрбарвыста Весенняя уыджы бирæуæладзыгон хæдзары цæрæг - Сергей Петросян. Йæ ныхæстæм гæсгæ, алы къæвдайы рæстæг дæр афтæ хъизæмар кæнынц ныр 5 азы дæргъы. Æмæ кæд пъол фæскъæвда ныссæрфынц æмæ бахус вæййы, уæд къултæ æмæ царæй хъуына нал цæуы. Цæрджытæ цæрæнуæттæм цæстдарды службæмæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бахатыдысты æххуысагур. Уыдон æрбацæуынц, хъæндзинæдтæ сӕхимӕ фæнысан кæнынц æмæ та разамындæттæг компанийæн ногæй бафæдзæхсынц цар бампъузын. Уыцы цалцæг сфаг вæййы æрмæст иннӕ къæвдайы онг. Цалынмæ разамындæттæг компанийы кусджытæ радон хатт хæдзары сæр цалцæг фӕкæнынц, уæдмæ, бындæр цы фатертæ ис, уыдоны цартæм дæр дон æрхъары. Æмæ цалынмæ уæллаг уæладзгуыты цæрджытыл уаргæ кæны, уæдмæ быннаг фатертæ хъаст кæнынц канализацион хæтæлты уавæрæй. Сæ ныхæстæм гæсгæ, арæх атонынц, æмæ та пъадвал чъизи æмæ ламийæ уæрагмæ свæййы. Уæлдай тынг уыцы æвзæр тæф хъыгдары 1-аг уæладзыджы цæрджыты. Разамындæттæг компанийы нын куыд загътой, афтæмæй канализацион хæтæлтæ ныридæгæн сцалцæг кодтой. Уыдон нал бахъыгдардзысты цæрджыты. Фæлæ хæдзары сæры уавæр фæхуыздæр кæнын зындæр уыдзæн. Куыд зæгъынц, афтæмæй йæ хъæуы ногæй раивын. Уый та уыдонæн сæ бон нæу. Хæдзар хъæуы бындуронæй сцалцæг кæнын, сæрмагонд программæмæ бахæсгæйæ. Ныр ты уал цæрджытæ дарддæр цæрынц ведратæ æмæ къустимæ. Нæ йæ зонынц, сæ цартæ сыл доны уæзæй абон æви райсом ныккæлдзысты, уый. Фæлæ уæддæр зæрдæ дарынц, сæ риссаг фарста тагъд рæстæг лыггонд кæй æрцæудзæн, ууыл. Дзæдзойты Фатимæ, Игорь Войцеховский. Ирыстоны хабæрттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæуы Весенняя уынджы 38 æм хæдзары цæрджыты тыхсын кæны хæдзары сæры уавæр

Категория:

Новости и СМИ